Альбина Секинаева Къонайы хъарм


Текст песни Къонайы хъарм - Альбина Секинаева читать онлайн

Исполнитель: Альбина Секинаева

Название: Къонайы хъарм

Просмотрено: 551

Другие песни исполнителя Альбина Секинаева

Текст песни:

Мæ фарсмæ ма рбад, мæ хур,
кæстæр дæ
Æмæ дæ зæрдыл иу хъуыддаг лæууæд
Фыдæй йæ фырт куы нæ цæуа хуыздæрмæ,
Кæнынц уæд адæм сомбон фыдвæд.

Дæхи удау дæ фыдыбæсæ хъахъхъæн,
Рæстæй Хуыцауыл бафæдзæхс дæхи.
Нæй атæхæн æнæ базыртæй маргъæн,
Æнæрхъуыды лæг фесафы йæхи.

Зæхх мад у, зæгъгæ, баззади ныхасæн,
Æмæ йæ мадау сбуц кæнын фæраз.
Æгас бæстæ, æгас дуне ис уарзæн,
Ды мын зæрдæйæ райгуырæн зæхх уарз.

Фыдыбæстæ у иунæг хæзна, уарз æй,
Йæ сæрвæлтау мын ма фæтæрс зынтæй.
Цы зæххыл цæуынц хорз хистæртæ разæй,
Уым кæстæртæн дæр æгуыдзæг уæвæн нæй.

(У алчидæр йæ буц мадæн фæлмæн хур
Æмæ дæ царды макæй зæрдæ сæтт.
Искæй зæрдæ куы асæттай, мæ хъæбул,
Дæхи зæрдæ дæр афаз уыдзæн уæд.)

Æгас бæстæ, æгас дуне ис уарзæн,
Ды мын зæрдæйæ райгуырæн зæхх уарз
Æгас бæстæ, æгас дуне ис уарзæн,
Ды мын зæрдæйæ райгуырæн зæхх уарз

Альбина Секинаева - Къонайы хъарм


Комментарии:

Добавить комментарий



Каптча: